Студентон клуб "Апллон"-ы бындурæвæрæг, историон зонæдты кандидат Саулохты Тамара æртыццæджы йæ цардæй ахицæн. Клубы ветерантæй сæ иу Хацырты Мурæт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Тамара Никъалайы чызгæн цы егъау хайбавæрд ис фæсивæд æмæ интеллигеницийы 'хсæн, уымæн стыр нысаниуæг ис.
"Фыццаджыдæр мæ фæнды банысан кæнын уый, æмæ нæ фæсивæдæн хорз хъомылад радта, клубы уылты бирæ æвзонг адæмы сæвæрдта раст фæндагыл", - загъта Хацырты Мурæт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ царды нырма Саулохты Тамарайы хуызæн цæсгомджын æмæ намысджын адæймагыл никуы фембæлд.
"Æз зонын бирæ бинонты æмæ сын кæрæдзиимæ æмгом баст нæй, фæлæ Тамара Никъалайы чызг та уыййас адæмы сбаста кæрæдзийыл æмæ абон дæр цæрынц иу бинонты хуызæн", - бафиппайдта клубы уæнг.
Мурæт ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ирон адæмæн сæ фарн æмæ æгъдау хохæй цæуы, æмæ Саулохты Тамара уыцы хæрзиуæг базонын кодта фæсивæдæн балцты руаджы.