Хуссар Иры ӕрмхӕцджытӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц Европӕйаг ерыстӕм

Ерыстӕ ацӕудзысты октябры, Хуссар Ирыстонӕй ерысты ралӕудзысты Гасситы Сослан, Плиты Батрадз ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ӕрмхӕцджытӕ стох кӕндзысты Европӕйы чемпионаты Вильнюсы, фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Джиоты Валерий.
Хуссар Иры ӕрмхӕцджытӕ стох кӕндзысты культурӕ ӕмӕ спорты фестивалы
Ерыстӕ ацӕудзысты октябры, Хуссар Ирыстонӕй ерысты ралӕудзысты Гасситы Сослан, Плиты Батрадз ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен.
"Лӕппуты дӕсныйад бӕлвырд у сӕ хорзӕхтӕй, фӕлӕ уӕддӕр бӕрзонд ерыстӕм уӕлӕмхасӕй цӕттӕ кӕндзысты. Уӕлдайдӕр та ерысты хӕдразмӕ. Уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй сӕ хорзӕхты хӕзнадон европӕйаг ерысты фӕстӕ фӕхъӕздыгдӕр уа", - загъта Джиоты Валерий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмхӕцджытӕй чи уыдзӕн чемпионаты архайӕг, чи та фыццагады.
"Гасситы Сослан тох кӕны хистӕр кары спортсменты хсӕн 110 кг уӕзы. Хӕбӕлаты Арсен у фӕсивӕдон категорийы, фӕлӕ ӕмрӕстӕджы йӕхи сфӕлвардзӕн хистӕр кары дӕр, ис 85 кг категорийы. Ӕртыккаг спортсмен Плиты Батрадз тох кӕндзӕн ӕрмӕст фыццагады", - бафтыдта уый.
Ныридӕгӕн Гасситы Сослан ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен архайынц Уӕрӕсейы хуссары культурӕ ӕмӕ спорты фестивалы.