ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы COVID-19 сбӕрӕг кодтой 68 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы цыппӕрӕмы сарӕзтӕуыд 242 тесты. Уыдонӕй 68 пробӕйы радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Медицинон хыгъдӕй систой 60 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 860 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4888 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 36 469 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5748.