ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы цалдӕр уынгыл электроифтонгад сцалцӕг кӕндзысты сахаты дӕргъы, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы структурон дӕлхайады директор Гӕбӕраты Анатолий.
Знон изӕры столицӕйы кӕцыдӕр районты ахицӕн рухс. Ӕхсӕвы дӕргъы уый цалдӕр хатт фӕзынд, фӕлӕ та-иу уайтагъд ахицӕн. Гӕбӕраты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый ӕрцыд трансформатор кӕй басыгъд, уый тыххӕй.
"Трансформатор ис Цхинвалы зӕронд абанайы районы. Ӕмӕ уый басыгъд. Рухс нӕй 8 июны ӕмӕ Фӕскомцӕдисы уынгтыл, афтӕ ма ӕндӕр уынгтыл, цы ранмӕ электроифтонгад цӕуы ацы хӕххыты уылты", - загъта Гӕбӕраты Анатолий.
Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги иууылдӕр цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 кВт хыз "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал - Дзау"-ы уылты. Азы кӕронмӕ республикӕйы фӕнд кӕнынц балхынцъ кӕнын фӕстауӕрцон хаххы арӕзтад, кӕцы аскъуыддзаг кӕндзӕн рухсимӕ проблемӕтӕ Хуссар Иры.