Цхинвалы фӕбӕрӕг сты тыхджындӕр ӕвзонг шахматисттӕ

Республикӕйы командон чемпионат шахматтӕй скъоладзауты хсӕн ацыд Цхинвалы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны ацыд командон чемпионат шахматтӕй скъоладзауты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы шахматты Федерацийы президент Саулохты Георгий.
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры "сызгъӕрин" ӕмӕ "ӕвзист"
"Фыццаг бынатыл ацыд скъола "Альбион", дыккагыл ацыдысты скъола-интернаты шахматисттӕ ӕмӕ ӕртыккаг бынат та бацахста гимнази "Рухс". Ацы мадзал уагъд цӕуы фондз аз фӕд-фӕдыл, фӕлӕ ахӕм тыхджын сконд ӕз нырма нӕ федтон", - загъта Саулохты Георгий.
Чемпионат ацыд скъола-интернаты. Хайад дзы райстой горӕт ӕмӕ районты скъолаты ахуырдзаутӕ. Шахматты турниры организатортӕ уыдысты: республикӕйы шахматты Федераци, скъола-интернат ӕмӕ РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет.