Хуссар Иры Кадетон скъолайы бакодтой карантин

Уагдоны ахуырадон процесс ӕрурӕдтой уым уӕвӕг цыппар къласы дӕр кӕй сбӕлвырд кодтой коронавирусӕй рынчынты лабораторион уавӕрты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады кадетон скъолайы бакодтой карантин коронавирусы апарахат ма руадзыны тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik ахуырадон уагдоны хистӕр Тадтаты Артур.
Хуссар Иры ноджы ӕртӕ скъолайы бакодтой карантин
Кадетон скъола йӕ куыст ӕрурӕдта 26 сентябрӕй 9 октябрьмӕ.
"Кадетон скъолайы ӕдӕппӕтӕй ис цыппар къласы, уыдоны се 'ппӕты дӕр ис коронавирусӕй рынчынтӕ, уый сбӕлвырд кодтой тестты руаджы. Ахуыргӕнджыты хсӕн нӕй рынчынтӕ", - загъта директор.
Уый ма бафтыдта, уавӕры тыххӕй фехъусын кодтой санитарон уагдонмӕ.
"Югосетпотребнадзоры барамындӕй скъола йӕ куыст ӕрурӕдта фарастӕм октябры онг, цӕмӕй низ ма апарахат уа ахуырадон уагдоны", - бафтыдта уый.
Уымӕй размӕ карантин бакодтой коронавирусы апарахаты аххосӕй Цхинвалы ӕртыккаг, фӕндзӕм, ӕхсӕзӕм, фарастӕм скъолаты ӕмӕ Ленингоры районы Захъхъоры скъолайы ӕмӕ цалдӕр сабидоны.