Цхинвалы ацыд Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт-презентаци

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры сценӕйыл ферттывдтой ирон эстрадӕйы стъалытӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы центры ацыд ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы ног альбомы презентаци.
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт
Концерт ӕрӕмбырд кодта ирон музӕкӕ уарзджыты къуырисӕры изӕры Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.
Сфӕлдыстадон изӕр бакодта Хъодалаты Мария, кӕцы сӕххӕст кодта зарӕг "Хурӕн зарыд мӕй". Изӕры стъалытӕ Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Люба алӕмӕттаг ӕххӕст кодтой кӕрӕдзи.
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт
Концерты ма хайад райстой дыууӕ чызджы ӕмбӕлттӕ – Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны музыканттӕ: Плиты Олег, Хохойты Влад ӕмӕ Томайты Александр.
"Мах – Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕд – ӕмархайд кӕнӕм ӕмӕ ӕмбарӕм, нӕ тых кӕй ис иудзинады. Ууыл хъӕуы тох кӕнын", - загъта Хъодалаты Мария.
Концерты спрезентаци кодтой зарӕггӕнджыты альбом "Хурӕн зарыд мӕй".
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт
"Тыхстӕн, фӕлӕ мын ме ‘ввахс адӕм загътой, иууыл сӕйрагдӕр кӕй у райсын ӕхцондзинад концертӕй, уӕд кӕсджытӕ дӕр уый банкъардзысты. Уыцы хъуыды райстон ӕмӕ алцыдӕр ацыд хорз", - загъта Хъодалаты Мария.
Хъодалаты Мария – зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты автор, фарон ӕвзонг зарӕггӕнӕг ныффыста йӕ фыццаг клип "Ӕз бузныг дӕн" зарӕгмӕ. Джиоты Люба ссис зындгонд Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ.
1 / 5
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт
2 / 5
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт
3 / 5
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт
4 / 5
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт
5 / 5
Хъодалаты Мария ӕмӕ Джиоты Любайы концерт