"Юг-Телеком" фехъусын кодта интернеты проблемӕты тыххӕй

"Юг-Телеком" æххæсы Цхинвал, йæ микрорайонтæ æмæ ма горæтмæ хæстæг Тъбет æмæ Цъунары хъæуты, афтæ ма Дзауы дæр, уагдоны фæнд ис ноджы сæ тыгъдад рауæрæх кæнын
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы магистралон хаххыл цалцӕггӕнӕн куыстыты аххосӕй дыццӕджы згъуыдтытӕ уыдзӕн йӕ куысты боны дӕргъы, хъусын кӕны уагдоны сайт.
Пайдагæнджытæ интернетӕй рацух уыдзысты райсом 11 сахатӕй фондз сахатмӕ.
"Зынаргъ абоненттӕ, магистралон хаххыл цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Абон райсом 11:00- ӕй 17:00 сахатмӕ нӕ кусдзӕн интернет. Хатыр курӕм пайдагӕнджытӕй", - дзырдӕуы сӕ хъусинаджы.
"Юг-Телеком" æххæсы Цхинвал, йæ микрорайонтæ æмæ ма горæтмæ хæстæг Тъбет æмæ Цъунары хъæуты, афтæ ма Дзауы дæр, уагдоны фæнд ис ноджы сæ тыгъдад рауæрæх кæнын.