Гимнази "Альбион"-ы командæ рамбылдта Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболæй

Призерты нымæцмæ ма бацыдысты гимнази "Рухс"-ы командӕ æмæ фыццӕгӕм скъолайы футболисттæ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ахицæн спорты сгуыхт кусӕг Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболæй скъолаты командӕты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik тренер Кокойты Юрий.
Ӕдӕппӕтӕй призтыл тохы бацыд 12 командӕйы.
"Турниры уӕлахиздзау ссис командӕ "Альбион", дыккаг призер у гимнази "Рухс"-ы командӕ, ӕртыккаг бынатыл ацыд фыццӕгӕм скъола",- загъта тренер.
Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболæй
Уымӕй дарддӕр ма турниры фӕлгӕтты рабӕрӕг кодтой хуыздӕр футболистты.
Турниры хуыздӕр хъазӕгыл банымадтой Тасойты Арсены, хуыздӕр дуаргӕс уыд Годжыцаты Александр, хуыздӕр хъахъхъӕнӕг - Багаты Барсӕг, ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг - Джиоты Инал, хуыздӕр размӕбырсӕг - Бежанты Владислав ӕмӕ хуыздӕр бомбардир - Гатыгкоты Тимур.
1 / 4
Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболæй
2 / 4
Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболæй
3 / 4
Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболæй
4 / 4
Бежанты Зелимы номарӕн турнир футболæй