Цхинвалы ӕрцыд авари ӕртӕ хӕдтулгӕйы хайадистӕй: ис дзы хъыгдардбаййафӕг

ФТЦ ӕрцыд Хъайтары ӕмӕ Тӕболты Сергейы уынджы алвӕндагыл. Хъыгдардбаййафӕджы баластой республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ чысыл цӕфтимӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, 10 сахат ӕмӕ 50 минутыл Тӕболты Сергейы ӕмӕ Хъайтары уынгты алвӕндагыл сӕмбӕлдысты ВАЗ-2114, "Лада Приора" ӕмӕ "Nissan Tiida".
"ФТЦ фӕстиуӕгӕн РБМЦ-мӕ баластой иу адӕймаджы, дохтыры басгӕрсты фӕстӕ йӕ ауагътой хӕдзармӕ", -банысан кодтой МХМ-йы.
Бынаты кусынц паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ, уыдон сгарынц аварийы лыстӕгдзинӕдтӕ.