Джусойты Мурат: Къостайæн йæ зондахаст уыд канд национ нæ, фæлæ æппæтдунеон

Кинорежиссер Джусойты Мурат радио Sputnik Хуссар Ирыстоны интервьюйы радзырдта Хетæгкаты Къостайыл цы киноныв систа, уый тыххæй
Sputnik
Ирон кинорежиссер Джусойты Мурат 2017 азы систа цыбырметражон киноныв ирон гениалон поэт Хетæгкаты Къостайы цардыл. Мурат куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Къостайыл цы чингуытæ æрцыд фыст, уыдонмæ гæсгæ равзæрста поэты фæлгонц цы хуызæн хъуамæ уа, уый.
"Хæдзары мæм цалдæр чиныг уыд Къостайы тыххæй, æмæ йын йæ фыстæджытæ райдыдтон кæсын. Æмæ мæ цы хуызæн Къоста фæндыд æмæ цы рæстæджы, æмæ кæимæ хъуамæ уа архайд, афтæ йæ систон", - загъта Мурат.
Кинорежиссеры ныхæстæм гæсгæ, алы уацмысы дæр хъуамæ уа ныхмæвæрд, æмæ Къостайы рæстæджы дæр ирон адæм иу хъуыдыйыл хæст кæй нæ уыдысты, уый дзы равдыста.
"Къостайы зондахаст уыд канд национ нæ, фæлæ æппæтдунеон, космикон", - банысан кодта Мурат.
Джусойты Мурат ма куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ ирон адæм Къостайы фæлгонцæн раттынц арæх хъайтары миниуджытæ, уымæн æмæ сæрибардзинадыл æмæ адæмты бартыл тохгæнæг уыдон хъуыдымæ гæсгæ у ахæм.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.