ХИПУ-йы ацыд æрвылазон згъорд

Ӕрвылазон згъорды, кæцыйы архайдтой дыккаг æмæ фыццаг курсты студенттæ, уæлахиздзаутæ ссисты Хуыбиаты Алан æмæ Тедеты Олеся
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд æрвылазон студентон згъорд, кæцы нывонд уыд республикæйы бонæн, фехъусын кодта Sputnik ХИПУ-йы кусæг Цхуырбаты Зема.
Лæппуты хсæн уæлахиздзау ссис Хуыбиаты Алан, дыккаг бынатыл ацыд Козаты Арсен, æртыккаг – Къæбысты Сослан
Згъорд сарæзтой "Физвоспитание" æмæ "Теория и методика физвоспитания"-йы кафедратæ. Фæсивæд ерыс кодтой Октябры уынгыл, архайдтой дыккаг æмæ фыццаг курсты студенттæ.
"Мадзал цæуы, цæмæй студентты фæцайдагъ кæнæм спортыл. Мах пропаганда кæнæм патриотизм æмæ æнæниз цард", - загъта Цхуырбаты Зема.
Лæппуты хсæн уæлахиздзау ссис Хуыбиаты Алан, дыккаг бынатыл ацыд Козаты Арсен, æртыккаг – Къæбысты Сослан.
Чызджыты хсæн расгуыхт Тедеты Олеся, дыккаг ссис Джиголаты Аланæ æмæ æртыккаг та Дудайты Донна.
Чызджыты хсæн расгуыхт Тедеты Олеся, дыккаг ссис Джиголаты Аланæ æмæ æртыккаг та Дудайты Донна
Сæрмагонд призтæ "За волю к победе"-йæ рахицæн кодтой Тедеты Илона æмæ Пухаты Дзамболаты.