Президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Пенсион фонды хистӕры

Паддзахады сӕргълӕууӕджы барамынд йӕ тыхы бацыд йӕ мыхуырӕй - 30 сентябрӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Президент Бибылты Анатолийы барамындӕй Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды  хистӕры бынатӕй ссӕрибар кодтой Тасойты Азӕйы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы сайт.
"Тасойты Азы Ильяйы чызджы ссӕрибар кӕнын Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды разамонӕджы бынатӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Барамынд йӕ тыхы бацыд йӕ мыхуырӕй - 30 сентябрӕй.