Сухумы ацыд Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы президентты фембӕлд

Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Абхазмӕ 27 сентябры, цӕмӕй хайад райсой Абхазы Хӕдбардзинад ӕмӕ Уӕлахизы бӕрӕгбоны
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Бибылты Анатолий ӕмӕ Аслан Бжанияйы бӕрӕгбонон фембӕлд ацыд цыппӕрӕмы Сухумы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны президенты пресс-службӕ.
Хуссар Иры президент ацыд Абхазмӕ
Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Абхазмӕ 27 сентябры, цӕмӕй хайад райсой Абхазы Хӕдбардзинад ӕмӕ Уӕлахизы бӕрӕгбоны, кӕцы нысан кӕнынц 30 сентябры. Ацы бон 1993 азы абхазаг ӕфсӕдтӕ рахызтысты цӕугӕдон Ингурмӕ, Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕнмӕ, ӕмӕ ныссагътой хиды цур абхазаг тырыса – Абхазы адӕмы Фыдыбӕстон хӕст фӕцис.
Бибылты Анатолий ӕмӕ Хуссар Ирыстоны делегацийыл Абхазы сӕргълӕууӕджы Администрацийы бӕстыхайы раз сӕмбӕлд цытджын караул. Уый фӕстӕ ацыд дыууӕ республикӕйы сӕргълӕуджыты баныхас.
Абхазы президент банысан кодта Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадисты ахсджиагдзинад бӕрӕгбонон мадзӕлтты.
"Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын не ‘фсымӕртӕн Хуссар Ирыстонӕй ацы ахсджиаг бон нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыдыстут, уый тыххӕй", - загъта Аслан Бжания.
Бибылты Анатолий загъта бузныг Аслан Бжанияйӕн хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ раарфӕ кодта Абхазы сӕргълӕууӕг ӕмӕ адӕмӕн Уӕлахиз ӕмӕ Хӕдбардзинады Боны цытӕн.
Аслан Бжания балӕвар кодта Хуссар Ирыстоны президентӕн абхазаг кард дамасскаг ӕндонӕй. Бибылты Анатолий та радта Абхазы сӕргълӕууӕгӕн Сыгъдӕг Георгийы Дзуары ныв.
Мадзӕлттӕ адарддӕр сты баныхасӕй рауӕрӕхгонд скондӕй.