Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕныл радтӕ фӕкъаддӕр сты

Майрӕмбоны райсом Хуссар Ирыстоны рдыгӕй лӕууыд хӕдтулгӕты радтӕ, Цӕгат Ирыстоны рдыгӕй у бынтон сӕрибар
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн таможнӕ хӕдтулгӕты тыгуыртӕй расӕрибар ис, радзырдта Sputnik бӕлццӕттӕй иу Уалыты Заринӕ, кӕцы ахызт арӕны сӕртыл майрӕмбоны райсом.
Дыууӕ ирон республикӕйы хсӕн фӕндаг, кӕцыйыл фӕндагонтӕ цыдысты раздӕр дыууӕ-ӕртӕ сахатмӕ, ацы бонты-иу бахъуыдысты ӕхсӕз сахаты бӕрц.
"Райсом аст сахатыл ацыдтӕн Цхинвалӕй, таможнӕйы радтӕ раздӕры хуызӕн нал сты. Хуссар Ирыстоны рдыгӕй лӕууыд 40 хӕдтугӕйы бӕрц. Цӕгат Ирыстоны рдыгӕй у бынтон сӕрибар", - радзырдта бӕлццон.
Ацы къуыри Зӕрӕмӕджы таможнӕ ссис республикӕйы иууыл хъаугъайагдӕр фарст. Уӕлдай дискусситӕ сцайдагъ сты социалон хызӕгты. Уӕрӕсейы рдыгӕй цыд транспорты ӕнӕкӕрон нымӕц, кӕцытӕн 30 сентябры фӕуыд кодта хӕдтулгӕты баласты ӕмгъуыд.