Мад Майрæмы уазныв "Авдфатон" æрласдзысты Цхинвалмæ

Уазнывæн сæхи бафæдзæхсын цхинвайлæгтæн сæ бон уыдзæн фондз боны дæргъы – æхсæзм октябрьмæ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстонмæ æрласдзысты Хуыцауы Мады сыгъдæг хуыз "Авдфатон" ("Саузæрдæты фæлмæнгæнæг"). Уый тыххæй Sputnik радзырдта президенты уынаффæгæнæг дины фарстыты фæдыл Хуыбиаты Соня.
Мад Майрæмы уазныв "Авдфатон" æрластой Цхинвалмæ
Уазнывмæ бакувын рæстдинонтæн сæ бон уыдзæн Цхинвалы Уæрæсейы рæстдинон аргъуаны сыгъдæг Ӕртæиуоны кувæндоны.
"Ныридæгæн уазныв ис Цæгат Ирыстоны. Хуыцауы Мады сыгъдæг хуыз "Авдфатон" æрласдзæн меценат Хъороты Владимир. Сæмæ ма иумæ æрцæудзысты организаци "Беслæны мæдты" минæвæрттæ", - Хуыбиаты Соня.
Хуыцауы Мады уазныв "Авдфатон" Цхинвалы уыдзæн ныр цыппæрæм хатт. Фыццыг сыгъдæг хуыз Хуссар Иры уыд Ӕртæиуоны кувæндоны арæзтадæн бындурæвæрд куы рцыд, уый размæ.