Хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай адӕм: президент раарфӕ кодта УУМ 13-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл

Къуырисӕры Уӕлвӕткон уавӕрты, ӕмбӕстагадон хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхты иуварс кӕныны фӕдыл министрад нысан кӕны йӕ сӕвзӕрды 13-ӕм афӕдзыбон
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik. Хуссар Иры УУМ кусджытӕ - хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай адӕм, кӕцытӕй ис ныфс бавӕрӕн ӕмӕ кӕцытыл баууӕндӕн ис цард, загъта президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы уагдоны 13-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл. 
Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты уӕлвӕткон уагдоны курсантты фӕстаг къорд
Уый банысан кодта, Уӕлвӕткон министрады службӕ кӕй у зын ӕмӕ тӕссаг, уымӕн ӕмӕ уагдоны кусджытӕ ӕппынӕдзух сты ӕрдзон бӕллӕхты, зынгсирвӕзтты, уӕлвӕткон уавӕрты эпицентры, хайад исынц сӕ фӕстиуджытӕ иуварс кӕныны.
"Сӕ кусӕгон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕдзинад ӕмӕ уӕззау цауты арӕхстджын архайды фӕрцы сымахӕн ис аккаг авторитет ӕмӕ не 'мбӕстӕгты уарзондзинад. Сымах бакуыстат уӕхицӕн ӕцӕг хъайтарты ном, кӕцытӕ ӕрбацӕудзысты тыхст уавӕрты бахауӕг адӕмӕн ӕххуысмӕ", - дзырдӕуы президенты арфӕйы.
Бибылты Анатолий бузныг загъта уагдоны ветерантӕ ӕмӕ кусджытӕн сӕ профессионализм, хъӕбатырдзинад ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта сабырдзинад, фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ фӕрныгад.