Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ COVID-19 фӕдыл

Пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт республикӕйы сбӕрӕг кодтой 6314 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 5260 сӕнӕниз сты
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 окт— Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 75 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik къуырисӕры Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 236 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 75 адӕймагӕн. Ивгъуыд суткӕ медицинон хыгъдӕй систой 30 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1054 адӕймаджы", - радзырдта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5260 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 38 418 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6314.