ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Ахуыргӕнджыты раз лӕууы хӕс канд зонындзинӕдтӕ раттыны фӕдыл нӕ, фӕлӕ ма сывӕллӕтты потенциал раргом кӕнын ӕмӕ гоймаджы алыварсон райрӕзтӕн ахъаз кӕнын, дзырдӕуы Бибылты Анатолий арфӕйы ахуыргӕнджытӕн, кӕцытӕ абон нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.
"Ахуыргӕнӕг - зонындзинӕдты ратӕдзӕн, кӕцытӕ уый рӕдауӕй лӕвар кӕны йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, зонгӕ сӕ кӕны дунейон культурӕйы шедевртимӕ, раргом сын кӕны историйы сусӕгдзинӕдтӕ, ӕрдзы закӕттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Ахуыргӕнӕг у дӕнцӕг сабитӕн", - хъусын кӕны презмденты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий ма бахахх кодта, ахуыргӕнджыты раз кӕй лӕууы хӕс канд зонындзинӕдтӕ раттыны фӕдыл нӕ, фӕлӕ ма сывӕллӕтты потенциал раргом кӕнын ӕмӕ гоймаджы алыварсон райрӕзтӕн ахъаз кӕнын.
"Фидарӕй зӕгъӕн ис, ахуыргӕнӕг професси кӕй нӕ у, фӕлӕ цардыхӕс. Сабиты цы адӕймагыл баууӕндынц, уый йӕ характеры ӕрбангом кӕны фӕразондзинад, фидардзинад, ӕмӕ сӕйраджыдӕр та - рӕзгӕ фӕлтӕрмӕ уарзондзинад. Сымахыл ис стыр хӕс - схъомыл кӕнын аккаг, интеллектуалон ӕмбӕстӕгты Хуссар Ирыстонӕн", - бахахх кодта президент.
Уый равдыста ныфс, зӕгъгӕ, сӕ профессионализм, фӕлтӕрддзинад ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы ахуыргӕнджытӕ кӕй бахӕсдзысты стыр хайбавӕрд бӕстӕйы ахуырадон системӕйы райрӕзтмӕ.