Гуырдзыстоны нозтджын ӕмбӕстӕгтӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн - ПӔК

Цыппар арӕнхалӕгӕй ӕртӕйы ӕрцахстой арӕнгӕрон нарядтӕ. Иу сӕ хъавыд йӕхи бааууон кӕнын ӕмӕ былӕй ахаудта. Уый райста цӕфтӕ ӕмӕ йӕ чизоны радтой гуырдзиаг фарсӕн
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт - Sputnik. Гуырдзыстоны цыппар ӕмбӕстаджы тынг нозтджынӕй ӕнӕзакононӕй ӕрбахызтысты Хуссар Ирыстоны арӕны сӕрты Стыр Леуахийы донбылгӕрӕтты, хъусын кӕны дыццӕджы республикӕйы ПӔК пресс-службӕ.
Хуссар Иры арӕнхалджыты нымӕц иу мӕймӕ дыууӕ хатт фӕфылдӕр – ПӔК
Цау ӕрцыд къуырисӕры изӕры, 4 октябры.Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕ куы федтой, уӕд уыдон бафӕлвӕрдтой сӕхи бааууон кӕнын. Иу сӕ фӕстммӕ алыгъд Гуырдзыстоны территоримӕ, дыууӕйы дзы ӕрцахстой арӕнхъахъхъӕнджытӕ, аннӕ та лидзгӕ-лидзын ахауд былӕй, райста цӕфтӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр ӕрурӕдтой, радзырдтой комитеты.
"Ныртӕккӕ ацы цауы фӕдыл РХИ слестгӕнӕн органтӕ уадзынц басгӕрст", - банысан кодтой уагдоны.
Гуырдзыстоны фӕцӕфуӕвӕг ӕмбӕстагӕн бакодтой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медицинон ӕххуыс, йе 'нӕниздзинадӕн ницы тас у. Ныртӕккӕ куыст цӕуы уый фӕстӕмӕ гуырдзыстойнаг фарсӕн раттыныл. Иннӕ арӕнхалджытӕ ӕрцӕудзысты ӕфхӕрд законмӕ гӕсгӕ.