Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Радик рамбылдта дунейы чемпионаты "бронзӕ"

Норвегиаг Ослойы дарддӕр цӕуы дунейы чемпионат спортивон хъӕбысхӕстӕй, кӕцыйы ӕрбаиу сты ерыстӕ уӕгъдибар, сылгоймӕгты ӕмӕ греко-римаг хъӕбысхӕстытӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Уалыты Радик бронзӕйон хорзӕхы сӕраппонд тохы 79 килограммы онг уӕзы категорийы ӕмгъуыдӕй раздӕр фӕуӕлахиз япойнаг Рюки Йошидайыл 11:0 хыгъдӕй. Уымӕй размӕ та ирон богал ныддӕрӕн кодта канадӕйаг Самуэль Бармишы 10:0 хыгъдӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.
Хусарирыстойнаг богал Бестауты Андрей рамбылдта Уӕрӕсейы юниорон фыццагады ӕвзист
Ноджы ма иу ирон спортсмен Найфонты Артур дӕр Ослойы рамбылдта бронзӕ майдан 86 килограммы онг категорийы. Уый фӕуӕлахиз Азӕмӕт Даулетбековыл Казахстанӕй.
Норвегийы сӕйраг горӕты уагъд цӕуы дунейы чемпионат - 2021 спортивон хъӕбысхӕстӕй (World Wrestling Championships 2021 Oslo), кӕцыйы ӕрбаиу сты ерыстӕ уӕгъдибар, сылгоймӕгты ӕмӕ греко-римаг хъӕбысхӕстытӕ.