Хуссар Иры цæуы æфсæддонты диспансеризаци

Ӕфсæддонтæ, кæцытæн рабæрæг уа ахадгæ низтæ, æрвыст цæудзысты Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады санаторитæ æмæ госпитальтæм
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагимы барамындæй уагдоны хисæрмагонд скод рацæудзæн диспансеризаци.
Хъахъхъæнынады уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æфсæддонтæ сгæрст цæудзысты уагдоны медицинон пункты æмæ РБМЦ-ы 30 ноябрьмæ.
"Ӕфсæддонтæ, кæцытæн рабæрæг уа ахадгæ низтæ, æрвыст цæудзысты Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады санаторитæ æмæ госпитальтæм, уый фæдыл бадзырдтæ ис", - хъусын кæны Гассеты Ибрагимы ныхæстæ пресс-службæ.
Уагдоны ма бафтыдтой, цы график фидар æрцыд, уымæ гæсгæ басгæрст кӕй рацæудзысты æфсæддонтæ æмæ æмбæстагон персонал.