Цхинвалы рынчындоны пациентмæ ссардтой гæн – МХМ

Цхинвалы 22-аздзыд цæрæджы палатайы барадхъахъхъæнæг органтæ ссардтой дыууæ гæххæт тыхтоны гæнимæ, йæ уæз уыд 1,47 грамм
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Наркотикон буарадты контролы кусджытæ ссардтой республикон бирæпрофилон центры 22-аздзыд пациентмæ гæн, хъусын кæны МХМ-йы пресс-службæ.
Уагдон хъусын кæны, гæн ссардæ уыд, оперативон информаци басгæрыны рæстæг. Лæппуйы асыккы ссардтой дыууæ тыхтон гæн – эксперты хатдзæгмæ гæсгæ, йæ уæз уыд ,47 грамм.
"Уый хыгъд, зæрдæхсайгæ адæймаджы архайдæй зыны административон фыдракæнд УФ АФ-йы 6.8 статьямæ гæсгæ",- дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, нæлгоймагæн бæрндзинад хæсдзæн медицинон басгæрстыл кæй не ʻсразы ис, уый тыххæй.
Сотрудники УКОН изъяли марихуану у пациента РММЦ