"Портал" ногӕй бакодта йӕ дуӕрттӕ: Цхинвалы ацӕудзӕн ирон музыкӕйы изӕр

Цӕгат Ирыстонӕй хуынд музыканттӕ сӕххӕст кӕндзысты сӕхи сӕрмагонд зарджытӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы арт-тыгъдад "Портал" ацӕудзӕн сфӕлыстадон изӕр цӕгатирыстойнаг зарӕггӕнджыты хайадистӕй, фехъусын кодта Sputnik тыгъдады бындурӕвӕрджытӕй иу Джиоты Къоста.
Хуссар Иры ӕмбырд кӕнынц фӕрӕзтӕ арт-тыгъдад "Портал" сцалцӕг кӕнынӕн
"Авторон зарӕджы изӕр ацӕудзӕн 8 октябры, авд сахатыл. Алцыдӕр у цӕттӕ. Концерты архайдзӕн Хохайты Влад, Бесолты Диана ӕмӕ Хӕдыхъаты Аллӕ", - загъта Джиоты Къоста.
Уый ма бафтыдта, сӕвзӕргӕ уавӕр хынцгӕйӕ, концерты рӕстӕджы ӕххӕст цӕудзысты санитарон службӕты домӕнтӕ.
Арт-тыгъдад "Портал"-ы хъуыды фӕзынд Дзӕуджыхъӕуы активон фӕсивӕды хсӕн. Ахӕм проект Хуссар Ирыстоны сорганизаци кӕныны хъӕппӕрис бахастой хуссарирыстойнаг активисттӕ: Гуыцмӕзты Инна, Джиоты Къоста, Дзигойты Карина ӕмӕ ӕндӕртӕ.