Президент радзырдта, кӕд фӕфылдӕр уыдзӕн УУМ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕтты кусджыты мызд

Знон Хуссар Ирыстоны паддзахады разамонӕг раарфӕ кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбонон фӕдыл. Уый банысан кодта, республикӕйы разамынд кæй кусы, цӕмӕй сын фӕфылдӕр кӕна сӕ куыстмызд
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 2022 азы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад ӕмӕ æндӕр уагдӕтты кусджытӕн фӕфылдӕр уыдзӕн сӕ куыстмызд, ныффыста йӕ фарсыл социалон хызӕг Instagram-ы президент Бибылты Анатолий.
Хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай адӕм: президент раарфӕ кодта УУМ 13-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл
"Кусджытӕ ӕвзарынц зындзинӕдтӕ, нырма сӕ куыст ӕмбӕлон ӕмвӕзалдыл нӕу. Фӕлӕ уын уырнын кӕнын, ацы уавӕр фӕивыныл куыст цӕуы ӕмӕ УУМ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕн, кӕцытӕн нырма сӕ мызд нӕ фӕфылдӕр ис, радон аз фӕфылдӕр уыдзӕн. Арфӕ сын кӕнын уый фӕдыл", - ныффыста Бибылты Анатолий.
Знон Хуссар Ирыстоны паддзахады разамонӕг раарфӕ кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбонон фӕдыл. Уый банысан кодта, республикӕйы разамынд кæй кусы, цӕмӕй сын фӕфылдӕр кӕна сӕ куыстмызд.