Бибылты Анатолий йӕ куыстӕй ссӕрибар кодта финансты министры

Бӕстӕйы президент снысан кодта министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕджы - уый ссис уагдоны сӕргълӕууӕджы фӕхивӕг
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй республикӕйы финансты министр Хӕбӕлаты Азайы. Уый фӕдыл барамынд бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бафыста цыппӕрӕмы, 7 октябры. 
Документы ма банысангонд ӕрцыд, уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ чи ӕххӕст кӕндзӕн, уый дӕр.
"Финансты министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн Тыбылты Фатимӕ Анзоры чызг - уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг", - дзырдӕуы барамынды.
Указ йӕ тыхы бацӕудзӕн йӕ бафыссыны бонӕй.