Хуссар Иры ахицæн кодтой электроэнерги цалцæггæнæн куыстыты тыххæй

Цалцæггæнæн куысытæ цæуынц "Зæрæмæг — Цæгаттаг портал — Дзау"-ы электрохаххыл, кæцы æххæстæй ифтонг кæны рухсæй æгас республикæ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстон майрæмбоны баззад æнæ рухсæй электроифтонгады линийыл цалцæггæнæн куыстыты тыххæй, хъусын кæны РПУК "Энергоресурс".
Цхинвалы хайы цалдӕр сахатмӕ ахицӕн кӕндзысты электроэнерги
Уагдоны бамбарын кодтой, куыстытæ цæуынц дæлстанц "Цæгаттаг портал"-ыл. Электрофтонгад республикæмæ ратдзысты 18.00 сахатыл, ныфс дæттынц "Энергоресурс"-ы.
Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги иууылдӕр цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 кВт хыз "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал - Дзау"-ы уылты. Азы кӕронмӕ республикӕйы фӕнд кӕнынц балхынцъ кӕнын фӕстауӕрцон хаххы арӕзтад, кӕцы аскъуыддзаг кӕндзӕн рухсимӕ проблемӕтӕ Хуссар Иры.