Цæгат Иры ног премьерӕй сфидар кодтой Дзанайты Борисы

Дзанайты Борисы кандидатурæ парламенты æркастмæ рахаста Цæгат Ирыстоны разамонæг Сергей Меняйло 1 октябры, депутатты æркасты фарстӕн уыд иу къуыри æмгъуыд
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны парламент майрæмбоны сфидар кодта хицауады хистæрæй Дзанайты Борисы, хъусын кæны 15 регион.
Сергей Меняйлойы равзæрстой Цæгат Иры сæргълæууæгæй
Дзанайты Борисы кандидатурæ парламенты æркастмæ рахаста Цæгат Ирыстоны разамонæг Сергей Меняйло 1 октябры, депутатты æркасты ӕмгъыд уыд авд боны.
Нысан цæуы, Дзанайты лæппуйы кандидатурæйыл кӕй схъæлæс кодтой 56 депутаты.
Уымæй размæ Дзанайты Борис куыста хицауады сæрдары хæдивæгæй - Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минӕварӕй Уæрæсейы президенты цур.