Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты Хуссар Иры сыстын кодтой фӕдисы

Хуссар ӕфсӕддон зылды къамис басгӕрста базӕйы дӕлхайӕдты цӕттӕдзинад фӕдисы уавӕрты архайыны фӕдыл, бамбарын кодтой зылды пресс-службӕйы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 окт – Sputnik. Сигнал "фӕдис"-ӕй райдыдта хатдзӕгон басгӕрст 2021 азӕн Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕты дӕлхайӕдтӕн Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны майрӕмбоны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Вадим Астафьев.
"Хуссар ӕфсӕддон зылды баиугӕнды къамис сыстын кодта ӕфсӕддон базӕйы хисӕрмагонд базӕйы баиугӕнды сӕ куысты фыццаг бон. Аргъ кодтой, куыд ӕххӕст цӕуынц нормативтӕ штатон хӕстӕрмӕджытӕ, экипировкӕ, материалон ӕрмӕджытӕ райсыны хъуыддаджы, афтӕ ма хӕстон ӕмӕ автомобилон техникӕ ракӕнынӕн колоннӕты бынатмӕ", - радзырдта уый.
Хатдзӕгон басгӕрсты фыццаг этапы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ равдыстой цӕттмдзинады бӕрзонд ӕмвӕзад, банысан кодта зылды минӕвар.
"Дарддӕр та къамис саргъ кӕндзӕн дӕлхайӕдты командирты ӕмӕ сӕ дӕлбар ӕфсӕддонты архӕйдтытӕн тактикон ахуырты рӕстӕджы. Басгӕрст ацӕудзӕн дыууӕварсон форматы", - бамбарын кодта Астафьев.
Хуссар ӕфсӕддон зылды хатдзӕгон басгӕрсты нысан у службӕгӕнджыты хӕстон ӕмӕ оперативон цӕттӕдзинадыл схӕцын. Басгӕрсты сӕйраг мадзӕлттӕ ацӕудзысты Уӕрӕсейы хуссары 14 субъекты 25 полигоны, афтӕ ма Абхаз, Сомих ӕмӕ Хуссар Иры ӕфсӕддон базӕты.