Хъӕуы волонтертӕ: куыд кусдзӕн ипподром Хуссар Иры низӕфхӕрд сабитӕн

Ипподром скусдзӕн октябры мӕйы, скъолайы уазджыты ирхӕфсдзысты бӕхтӕ Гоги, Барыня ӕмӕ Къуыркъо
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Джеры комы бӕхыл бадыны скъолайы ипподромы бахъӕудзӕн волонтертӕ низӕфхӕрд сабитимӕ кусынӕн, фехъусын кодта Sputnik бӕхты скъолайы бындурӕвӕрӕг Къӕбулты Ренат. 
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ипподром конд ӕрцӕудзӕн октябры.
"Иу низӕфхӕрд сывӕллоны ипподромы бӕхӕй дарддӕр хъӕуы ӕртӕ адӕймаджы, цӕмӕй йын амоной ӕмӕ йӕ хъахъхъӕной. Уымӕ гӕсгӕ бакӕнды фӕстӕ мах хъӕудзӕн волонтертӕ", - загъта Къӕбулты Ренат.
Уый ма бафтыдта, низӕфхӕрд сабитӕн ипподромы лӕггӕдтӕ кӕй сты ӕнӕаргъӕй, аннӕ категоритӕн та уыдзӕн хицӕн рӕстӕг.
"Бакӕнды фӕстӕ сараздзыстӕм ипподромы график.  Уымӕй дарддӕр ма бӕхты скъолайы кусы бӕхты туризм", - бафтыдта уый.
Фирма "Сидуг" кӕцыйы бындурыл фӕуд кӕны арӕзт ипподром, уӕвынад кӕны Джеры комы. Ипподромы арӕзтады хъӕппӕрис раразмӕ кодта президенты ӕххӕстбарджын минӕвар сывӕллӕты барты фӕдыл Цхуырбаты Татьяна, кӕцы йӕ омбудсмены куысты агъоммӕ архайдта рынчын сывӕллӕттӕн ӕххуысы акцитӕ аразыныл. Ипподромы арӕзтадӕн финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий.