Ӕртӕ фыдракӕнды ӕмӕ цыппар ФТЦ: Хуссар Иры МХМ радзырдтой къуырийы уавӕры тыххӕй

Афтӕ ма ивгъуыд къуыри Дзауы районы ссардтой наркотикон буарадимӕ зайӕгойы 70 къутӕры
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри регистрацигонд ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды ӕмӕ цыппар фӕндагон-транспортон цауы. Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) куыд банысан кодтой, афтӕмӕй фыдракӕндтӕ иууылдӕр раргом кодтой, авариты фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы амардысты.
Дыууӕ ӕвзонг лӕппуйы фӕмард сты аварийы Цхинвалмӕ ӕрбахизӕны
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 218 фӕткхалды. Аст шофыры скъӕрдтой автотранспорт нозтджынӕй.
Уымӕй дарддӕр ивгъуыд къуыри уголовон фӕдагуырды кусджытӕ Дзауы районы хъӕды ссардтой наркотикон буарадимӕ зайӕгойы 70 къутӕры. Цауы фӕдыл басгӕрст уадзы Дзауы районы мидхъуыддӕгты дӕлхайад.