Ленингоры районы фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц

Республикӕйы иууыл дӕрддзӕф районы ӕвиппайды фӕфылдӕр ис коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчынуӕвджыты нымӕц. Карантиныл сӕхгӕдтой районы ноджы иу скъола
Sputnik
 
ЦХИНВАЛ, 12 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы фылдӕрӕй фылдӕр кӕнынц коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчынуӕвджытӕ.
Районон администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй сентябры Ленингоры коронавипусӕй рынчынкӕнынад фӕфылдӕр ис 8 проценты, октябры фыццаг бонты та – 14 проценты онг.
"Абоны онг Цъинагары зонӕйы рабӕрӕг 28 рынчыны, уыдонӕй иу у Абреуы цӕрӕг, цыппар – Орчъосанӕй, иннӕтӕ та Цъинагары хъӕуы цӕрджытӕ.амбулаторийы сӕргълӕууӕг Тъехты Хатунайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчынты уавӕр у стабилон, уыдон хос кӕнынц хӕдзӕртты", - радзырдта уый.
Бахъӕугӕ рӕстӕджы, банысан кодта пресс-секретарь, районы цӕрджытӕ фӕсидынц ӕххуымӕ дохтыртӕм ӕмӕ рынчыны симптомтӕм гӕсгӕ медиктӕ бынаты саразынц ПЦР-тест коронавирус рафӕлгъауыны тыххӕй.
Короанвирусӕй фӕрынчыны цаутӕ рабӕрӕг сты Цъинагары скъолайы дӕр, уымӕ гӕсгӕ, ахуырадон уагдоны бакодтой карантин 20 октябры онг, балхынцъ кодта Кокойты Анжела.