Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуыл ацы аз сӕххӕст 100 азы. Ацы бонмӕ дзы ӕвӕрд ӕрцыд цыртдзӕвӕн, йӕ скъульптор у Зӕнджиаты Таймураз. Скъульпторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыртдзӕвӕнӕн йӕ сӕйраг мидис уыд, Ногиры хъӕуы фыццаг чи ӕрцард, уыдон ном сӕнусон кӕнын.
"Бирӕ йыл хъуыды кодтам, чи геноциды кой кодта, чи та рӕсугъдзинады кой, фӕлӕ ахъуыды кодтам ӕмӕ ӕрцыдыстӕм ахӕм хъуыдымӕ: цыртдзӕвӕн саразӕм, фыццаг чи ӕрцард Ногиры, уыдон номыл", - загъта Таймураз.
Скульптор куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ геноциды темӕ у уӕрӕх ӕмӕ ӕрмӕст Ногиры хъӕуы историйыл баст нӕу, фӕлӕ у ирон адӕмы иумӕйаг истори.
"Ӕрбацӕуджытӕ кой кодтой, зӕгъгӕ геноциды темӕ дзы цӕуылнӕ у ӕвдыст, фӕлӕ сын бамбарын кодтам, уый ӕрмӕст Ногиры истори кӕй нӕу, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны, стӕй иумӕйаг ирон адӕмы истори", - бахахх кодта Таймураз.
Зӕнджиаты лӕппу бафиппайдта, скъульптурӕ кӕй фӕцыд ӕрбацӕуджыты зӕрдӕмӕ.