Хуссарирыстойнаг дзюдоисткӕ рамбылдта дунейы командон ерысты ӕвзист

Ныридӕгӕн та спортсменкӕ йӕхи цӕттӕ кӕны Уӕрӕсейы фыццагадмӕ 21 азы онг кары фӕсивӕды хсӕн
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дзюдойы скъолайы хъомылгӕнинаг Ӕлборты Аланӕ ссис дунейы командон фыццагады ӕвзист призер. 
Ерыстӕ уагъд цыдысты Италийы.  
"Командӕйы архайдта фӕйнӕ ӕртӕ чызг ӕмӕ лӕппуйы. Фыццаг фембӕлдыстӕм Индиимӕ, стӕй Германимӕ. Финалы стох кодтам Францийы командӕимӕ. Хъыгагӕн, финалон фембӕлды ӕруагътон рӕдыдтытӕ", - радзырдта Sputnik Ӕлборты Аланӕ.
Ныридӕгӕн та спортсменкӕ йӕхи цӕттӕ кӕны Уӕрӕсейы фыццагадмӕ 21 азы онг кары фӕсивӕды хсӕн. 
"Ноябры уыдзысты ерыстӕ ӕмӕ ныр та уырдӕм цӕттӕ кӕнын мӕхи", - бафтыдта уый. 
Ӕлборты Аланӕ августы та рамбылдта Европӕйы Кубок юниорты хсӕн. Уымӕй размӕ та ссис  фӕндзӕм Спартакиадӕйы уӕлахиздзау.