Цхинвалы Оперштабы аскъуыддзаг кæндзысты COVID-19-æй бахизыны мадзæлттæ

Хуссар Ирыстоны бонæй-бон фылдæр кæнынц коронавирусæй рынчынтæ. Фæстаг суткæ сæ нымæц схъызт 120. Республикæйы Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, "сырх зонæ" рауæрæх кæныны тыххæй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 окт - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы къуыри оперативон штабы рабадты аскъуыддзаг кæндзысты коронавирусы апарахат ма раудзыны фæдыл цы мадзæлттæ ист цæудзысты даддæр, радзырдта Sputnik сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны бонæй-бон фылдæр кæнынц коронавирусæй рынчынтæ. Фæстаг суткæ сæ нымæц схъызт 120. Республикæйы Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, "сырх зонæ" рауæрæх кæныны тыххæй.
"Ацы къуыри республикæйы COVID-19 фæдыл сывæзрæгæ уавæрыл дзырд цæудзæн Оперативон штабы рбадт, уым аскъуыдзаг кæндзысты дарддæры архайдты вирусæй бахизыны фæдыл", - загъта Коцты Марина.
Уый ма бафтыдта, цæрджыты фылдæр нымæц уазал ахаст дарынц сантирон службæты домæнтæм – маскæтæ дарын, социалон дистанци хъахъхъæнын æмæ дезинфекци кæнын.
Хуссар Ирыстоны коронавирусы аххосæй æхгæд æрцыдысты ахуырадон уагдæттæ æмæ скъолайы агъоммæ уагдæттæ.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 41 143 иртӕстӕй фылдӕр, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 7067. Абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5530 адӕймаджы.