Уавӕр у стабилон: дохтыр коронавирусы тыххӕй Къуайсайы

Фӕстаг рӕстӕджы Цхинвалы бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодта рауӕрӕх кӕнын "сырх зонӕ"
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы горӕт Къуайсайы аст адӕймаджы коронавирусы инфекциимӕ хуыссынц стационарон уавӕрты, аннӕтӕ хос кӕнынц хӕдзӕртты. Горӕты рынчындоны сӕйраг дохтыры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цхуырбаты Ульянайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, коронавирусы фӕдыл уавӕр Къуайсайы у стабилон.
Цхинвалы Оперштабы аскъуыддзаг кæндзысты COVID-19-æй бахизыны мадзæлттæ
Фӕстаг рӕстӕджы Цхинвалы бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад аскъуыддзаг кодта рауӕрӕх кӕнын "сырх зонӕ".
"Къуайсайы коронавирусимӕ уавӕр у стабилон. 20 адӕймаджы бӕрц сты ӕдӕппӕт рынчын, уыдонӕй аст хуыссынц рынчындоны, аннӕтӕ хос кӕнынц хӕдзӕртты. Уымӕй размӕ рафыстам цыппар адӕймаджы, уыдонӕн сӕ тесттӕ равдыстой ӕвӕрццаг дзуапп, фӕлӕ сӕхи хатыдысты хорз ӕмӕ сӕ афыстам хӕдзӕрттӕм", - загъта Цхуырбаты Ульяна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл тесттӕ исынц бынаты.
"Ам бынаты исӕм тесттӕ ӕмӕ сӕ ӕрвитӕм Цхинвалмӕ. Цас сӕ 'рдомӕм, уый бӕрц нын дӕттынц", - бафтыдта уый 
Медик ма бафиппайдта, Къуайсайы коронавирусы фӕдыл уавӕр нӕ фӕкарздӕр ис.