Хуссар Иры ФХМ минӕвар Италийы фембӕлд футболы федерацийы президентимӕ

Фембӕлды рӕстӕджы хуссарирыстойнаг федерацийы сӕргълӕууӕг радта Хуссар Ирыстоны командӕйы майкӕтӕ Ӕхсӕнадӕмон футболы музейӕн Миланы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 окт - Sputnik. Цхинвалы ацыд Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕвар Мауро Мурджиайы фембӕлд республикӕйы футболы федерацийы президент Джиоты Аланимӕ. Уый тыххӕй майрӕмбоны хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.
"Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой дыууӕварсон ӕмгуыстады фарстытыл футболы къабазы, афтӕ ма загътой сӕ хъуыдытӕ ConIFA фӕлгӕтты чемпионатты тыххӕй, кӕцыты хайад исынц FIFA-мӕ цы футболон командӕтӕ нӕ хауынц, уыдон", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фарсытӕ равдыстой цӕттӕдзинад ӕмархайдмӕ ӕмӕ банысан кодтой, спорт кӕй у ахъаз алыгъуызон адӕмты иудзинадӕн.
Фембӕлды кӕрон Джиоты Алан радта Мауро Мурджиайӕн Хуссар Ирыстоны командӕйы майкӕтӕ Ӕхсӕнадӕмон футболы музейӕн Миланы.