ЦХИНВАЛ, 15 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы центры майрӕмбоны бӕрӕгбонон уавӕры дидинтӕ сӕвӕрдтой зындгонд ирон поэт, публицист, нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къостайы цыртмӕ.
Хуссар Иры банысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон
© Sputnik / Natalia Airiyan
Ирыстоны 15 октябры нысан кӕнынц ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы 162-ӕм райгуырӕн бон.
Бӕрӕгбоны хайад райстой республикӕйы официалон гоймӕгтӕ, зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы, афтӕ ма ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.
Бӕрӕгбоны ма ралӕууыдысты республикӕйы президенты цур Националон ирон зарӕджы сывӕллӕтты хоры ӕвзонг зарӕггӕнджытӕ.
Хуссар Иры банысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон
© Sputnik / Natalia Airiyan
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕм бадзырдта культурӕйы министр Зассеты Жанна, кӕцы ӕрымысыд академик Абайты Уасойы ныхӕстӕ Къостайы тыххӕй.
"Англисӕгтӕ дзурынц: махмӕ ис Шекспир, немыцӕгтӕ дзурынц: махмӕ ис Гете, уырыссӕгтӕ дзурынц: махмӕ ис Пушкин, мах та, ирӕттӕ, дзурӕм: махмӕ ис Къоста", - загъта культурӕйы министр Зассеты Жанна.
Фарастӕм астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнӕг Зассеты Зара радзырдта Хетӕгкаты Къостайы уӕззау царды тыххӕй. Мадзалы кӕрон скъоладзаутӕ бакастысты поэты ӕмдзӕвгӕтӕ, афтӕ ма Къостайӕн нывонд уацмыстӕ дӕр.
Хетæгкаты Къоста у иууыл зындгонддæр ирон фыссæг. Йе ‘мдзæвæгæтæ тæлмац æрцыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм. Ирыстоны сабиты онг дæр ахæм адæймаг нæ баззад, кæцы нæ зоны Къостайы æмдзæвгæй иу. Йæ "Ирон фæндыр"- ы рацыды бон бындур æрæвæрдта Ирыстоны бæрæгбонон датæйæн - мадæлон æвзаджы бæрæгбон нысан цæуы 15 майы 2003 азæй фæстæмæ, уыцы бон 1899 азы мыхуыры рацыд æмбырдгонд.