Хуссар Иры иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой иу фыдракӕнд ӕмӕ ӕртӕ аварийы – МХМ

Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны ӕрхастой республикӕйы ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры статистикӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ, афтӕ ма ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), кӕцыты фӕстиугӕн бахъыгдард сты ӕртӕ адӕймаджы, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Дыууӕ ӕвзонг лӕппуйы фӕмард сты аварийы Цхинвалмӕ ӕрбахизӕны
Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй милицийы кусджытӕ ӕрурӕдтой цыппар адӕймаджы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 240 фӕткхалды. Аст шофыры скъӕрдтой автотранспорт нозтджынӕй, бафтыдтой МХМ.
Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, авдминистративон протоколтӕ кӕй сарӕзтой шофырты фӕдыл, кӕцытӕ аскъӕрдтой светофоры сырх рухсыл, фехӕлдтой фӕндагон нысӕнтты фӕтктӕ, рахызтысты ныхмӕлӕуды хаххмӕ, фехӕлдтой маневр аразыны фӕтктӕ.