ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik. Наркотиктӕм хъусдарды фӕдыл хайады кусджытӕ ӕрурӕдтой Цхинвалы 35-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ ссардтой медицинон буарад "Трамадол"-ы фондз таблеткӕ. Уый тыххӕй къуырисӕры хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Нӕлгоймаджы ӕрурӕдтой оперативон информацийы реализацийы рӕстӕджы республикӕйы Дзауы районы Уанелы хъӕуы, барадхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой хӕдтулгӕ "Mercedes Benz", кӕцыйыл уый скъӕрдта.
"РХИ Мидхъуыддӕгты министрады экспертон-криминалистон центры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы буарад у "Трамадол", кӕцыйы массӕ у 1,55 граммы. Афтӕмӕй нӕлгоймаг фехӕлдта "Наркотикон буарадтӕ, психотропон буарадтӕ ӕмӕ сӕ аналогты ӕнӕзакононӕй ӕлхӕнын, ӕвӕрын ӕмӕ ласыны фӕдыл закон", - дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.
Афтӕ ма барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрурӕдтой Цхинвалы 57-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ ссардтой ӕууилгӕ тамако "Насвай", кӕцыйы массӕ уыд 10,58 граммы, ӕмӕ Хуссар Ирыстоны 21-аздзыд цӕрӕг ӕууилгӕ тамако "Снюс"-ы 10 пакетимӕ. Ӕмбӕстӕгтӕ фехӕлдтой тамако "снюс" ӕмӕ "насвай" ласын, ӕлхӕнын, ӕвӕрын ӕмӕ уӕй кӕныны фӕдыл закон.