Хетӕгкаты Къостайы уацмыстӕ фыццаг хатт айзӕлдысты Европӕйы стырдӕр бӕрзӕндӕй

Цӕгатирыстойнаг альпинисттӕ снывонд кодтой Эльбрусмӕ хӕрдмӕсцыд дыууӕ зӕрдылдарӕн датӕйӕн – Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонӕн ӕмӕ Ногиры бындурӕвӕрды 100 азӕн
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 окт - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны альпинизмы федераци сӕххӕст кодта радон хӕрдмӕсцыд Эльбрусмӕ Хетӕкаты Къостайы райгуырӕн бон 15 октябры. Мадзал ма ацыд Ногиры хъӕуы бындурӕвӕрды сӕдӕ азы цытӕн.
Цӕгат Ирыстоны альпинизмы федераци сӕххӕст кодта радон хӕрдмӕсцыд Эльбрусмӕ Хетӕкаты Къостайы райгуырӕн бон
Федерацийы куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй хӕрдмӕсцыдмӕ цӕттӕ кодтой 10 боны дӕргъы, хайад дзы райстой альпинисттӕ Уалыты Владислав ӕмӕ Хъесаты Тамерлан.
Дзудцаты Тамерлан: Къостайӕн мах нырма аккаг аргъ не скодтам
Уыдон сӕххӕст кодтой хӕрдмӕсцыд Эльбрусы хохмӕ зымӕгон уавӕрты, бӕрзӕндыл температурӕ уыд 25 градусы уазал. Метеорологион бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ахӕм температурӕ уыцы бон уыд Эвересты дӕр.
Фыццаг хатт Европӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Кавказы иууыл стырдӕр бӕрзӕндӕй айхъуыстыты Хетӕгкаты Къостайы номдзыд рӕнхъытӕ "Мӕ Аргъуан – Зӕхх, мӕ Дзуар – Уарзондзинад, У Дун-дуне Фыдыбӕстӕ мӕнӕн".
Афтӕ ма спортсментӕ ныссагътой бӕрзӕндыл Аланийы тырыса.
Мадзал ацыд Националон парк "Алани" ӕмӕ ӕрдзон ресурсты экс-министр Хидырты Батрадзы ӕххуысӕй.