ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады уагъд цӕуынц контролон ахуыртӕ рӕнхъон, ӕхсыны ӕмӕ физикон цӕттӕдзинадӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Ахуыртӕ уагъд цӕуынц, цӕмӕй сфидар кӕной кӕнӕ раттой квалификацитӕ уагдоны ӕфсӕддонтӕн.
"Абон уагдоны офицертӕ радтой нормативтӕ рӕнхъон ӕмӕ физикон цӕттӕдзинадӕй. Аннӕ этапыл офицертӕ ратдзысты фӕлварӕнтӕ ӕндӕр ӕфсӕддон дисциплинӕтӕй, кӕцыты хай уадздзысты быдырон уавӕрты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, дӕлхайӕдты командӕгӕнджытӕн уагъд цӕуынц теоретикон ӕмӕ практикон ахуыртӕ иумӕйаг тактикӕйӕ, ӕфсӕддон топографийӕ ӕмӕ ӕндӕр дисциплинӕтӕй.