"Тбау" ссис цӕгатирыстойнаг футболон клуб "Аланийы" официалон дон

Æмгуыстады фæлгæты ма арæзт æрцыд футболуарзджытимæ фембæлд. Футболисттæн лæвæрдтой фарстытæ хъазты тыххæй, стæй сæ царды тыххæй дæр
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik. Футболон клуб "Алани" æмæ компаниты къорд "Бавари" бафыстой бадзырд. Ныр нуазыны доны æвгтыл уыдзæн футболон клубы логотип, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.
Футболон клуб "Алани"-йы æнусон юбилейæн Дзæуджыхъæуы снывонд кодтой ног граффити
"Тбау"-ы эмблемæ та уыдзæн футболистты уæлæдарæсыл.
Æмгуыстады фæлгæты ма арæзт æрцæудзæн цымыдисаг мадзæлттæ дæр.
Зæгъæм, фыццаг мадзал – футболуарзджытимæ фембæлд. Футболисттæн лæвæрдтой фарстытæ хъазты тыххæй, стæй сæ царды тыххæй дæр.
Футболуарзджытæн ма фадат уыд сæ уарзон футболисттимæ къамтӕ сисынæн дӕр.