Дзӕуджыхъӕуы аэропорты сӕвӕрдтой Хуссар Иры фендтаг бынӕтты баннертӕ

Беслӕны аэропорты бӕлццӕтты цӕсты хауынц дыууӕ баннеры, цы ран ис Къуыдары комы къӕсӕрыл Ерцъойы цады нывтӕ. Къамтӕ систа фотограф Гасситы Михаил
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны Беслӕны аэропорты сӕвӕрдтой баннертӕ Хуссар Ирыстоны рӕсугъд къуымты къамтимӕ. Рекламон продукци фӕзынд Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрады заказмӕ гӕсгӕ. 
Беслӕны аэропорты бӕлццӕтты цӕсты хауынц дыууӕ баннеры, цы ран ис Къуыдары комы къӕсӕрыл Ерцъойы цады нывтӕ. Къамтӕ систа фотограф Гасситы Михаил.
Беслӕны аэропорты сӕвӕрдтой Хуссар Иры фендтаг бынӕтты баннертӕ
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд азмӕ абаргӕйӕ - уӕд республикӕйы уыд бирӕ тобӕтӕ пандемийы аххосӕй - ацы аз фӕфылдӕр ис фӕсарӕнтӕй бӕлццӕтты нымӕц, сӕ нымӕцы блогертӕ ӕмӕ журналисттӕ Уӕрӕсе ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.