ЦХИНВАЛ, 20 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ сгардзысты ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ хъуамӕ уой хиизоляцийы режимы хӕдзарон уавӕрты. Скъуыддзаг рахастой уагдоны оперативон рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл оперштаб бакодта ног арӕнӕвӕрдтӕ коронавирусӕй рынчынты нымӕц кӕй фылдӕр кӕны, уый тыххӕй. Хуссар Ирыстоны 1 ноябрьмӕ сӕхгӕдтой карантиныл ахуырадон уагдӕттӕ, сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центртӕ, спортивон секцитӕ ӕмӕ тренажерон залтӕ, 1 декабры онг та тобӕ сӕвӕрдтой чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ уадзыныл.
"Мидхъуыддӕгты горӕтон ӕмӕ районон дӕлхайӕдты кусджытӕ фадыгон дохтыртимӕ иумӕ карантины рӕстӕджы ӕрзилдзысты административон фадгуытыл, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной гоймӕгты, кӕцытӕ сты хиизоляцийы хӕдзӕртты. Карантины режим чи халы, уыдоны ӕрбаздахдзысты административон бӕрндзинадмӕ", - банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.
Милицийы кусджытӕ ма уадздзысты профилактикон ныхас цӕрджытимӕ санитарон уагдоны реконмендацитӕ ӕххӕст кӕныны фӕдыл.
МХМ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, арӕнӕвӕрдтӕ кӕй ис ӕхсӕнадон хӕлцады объектты дӕр, карантин бакодтой спортивон комплексты, тренажерон залты ӕмӕ бассейнты.
Милицийы кусджытӕ фехъусын кӕндзысты ахӕм уагдӕтты хицӕуттӕн, кӕй нӕй гӕнӕн фехалын оперативон штабы домӕнтӕ.