ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik. Цæгат Ирыстон бахауд COVID-19 мæлынады критикон бæрæггæнæнтимæ регионты хыгъдмæ, хъусын кӕны 15-ӕм регион УФ вице-премьер Татьяна Голиковайы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Коронавирусæй мæлынады критикон бæрæггæнæнтæ æмæ низы уæззау цыд бæрæггонд цæуынц Уæрæсейы 17 регионы.
"Æппæты критикондæр уавæр мæлынадæй, госпитализацийæ æмæ рæуджыты аразгæ вентиляцийы уæвæг уæззау рынчынтæй бæрæггонд цæуы Курскаг областы, республикæ Комийы, Оренбургаг областы, республикæ Татарстаны, Воронеж, Новгород, Волгоград, Самара, Саратов, Челябинск, Свердловск, Омск, Томск, Киров, Амураг облӕстты, республикæтæ Цæгат Ирыстон æмæ Мордовийы", – хъусын кӕны Татьяна Голиковайы ныхстӕ портал.
Татьяна Голикова ма уымæй уæлдай куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы эпидемиологион уавæр COVID-19 æмæ æндæр сезонон вирусты парахаткæнынады тыххӕй уæззаудæр кæны, нæ бæстæйы рынчынты нымæц фæфылдæрæй фылдæр кæны.