ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон конференци "Южная Осетия на перекрестке цивилизаций. Проблемы безопасности и устойчивого развития", фехъусын кодтой республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ).
Мадзалы организатортӕ, кӕцы уагъд цӕудзӕн 21-25 октябры, сты Хуссар Ирыстоны ФХМ ӕмӕ Уырыссаг националон комитет Сауденджызон экономикон ӕмгуыстады фӕдыл.
Конференцийы куысты хайад райсдзысты Сауденджызон экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Уырыссаг националон комитеты минӕвӕрттӕ алыгъуызон бӕстӕтӕй, сӕ нымӕцы Уӕрӕсе, Турк, Серби, Казахстан, Греци, Инди, Болгари, Румыни ӕмӕ Польшайӕ.
Мадзалы фӕлгӕтты республикӕйы уазджытӕ бабӕрӕг кӕндзысты паддзахадон университет, Паддзахадон драмон театр, афтӕ ма Национ музей дӕр. Уымӕй дарддӕр ма сын сараздзысты экскурси Хуссар Ирыстоны столицӕйы, бабӕрӕг кӕндзысты цалдӕр куыстуаты.
Сӕйраг мадзӕлттӕ ацӕудзысты сабаты, 23 октябры. Уыцы бон Цхинвалы ацӕудзӕн пленарон рабадт Хуссар Ирыстоны экономикон инфраструктурӕйы райрӕзты фӕдыл ӕввахс фараст азмӕ.
Сабаты ма ацӕудзӕн тымбыл фынг "Туризм, культура и спорт в Южной Осетии - возможности и перспективы. Сохранение и развитие этнокультурного многообразия народов России и Южной Осетии" темӕйыл.
Конференцийы фӕлгӕтты ацӕудзӕн бизнесы минӕвӕртты фембӕлд b2b форматы.
Уыимӕ иумӕ мадзалы хайадисджытӕ райсдзысты хатдзӕгон резолюци ӕмӕ сфидар кӕндзысты кусӕгон къорд фӕндагон картӕйы арӕзтад ӕмӕ реализацийы фӕдыл.
Хуыцаубоны уазджытӕ ацӕудзысты республикӕйы Ленингоры районмӕ.
Сауденджызон экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Уырыссаг националон комитет арӕзт ӕрцыд 1995 азы марты куыд социалон здӕхтимӕ ӕнӕкоммерцион организаци. Комитеты сӕйраг бындурӕвӕрӕг у Уӕрӕсейы ФХМ.