ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмӕ иу къуырийы ӕмгъуыдмӕ фӕхӕццӕ кӕндзысты коронавирусы ныхмӕ уӕрӕсейаг вакцинӕтӕ Спутник V ӕмӕ Спутник Лайт-ы ног парти, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Александр Приходько.
Ацы аз майы Хуссар Ирыстонмӕ ӕрластой уӕрӕсейаг вакцинӕйы фыццаг парти дыууӕ мин дозӕимӕ. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирусы ныхмӕ вакцинации республикӕйы рацыд иу мин адӕймагӕй фылдӕр, астсӕдӕйӕ фылдӕр ныридӕгӕн райстой дыккаг компонент дӕр. Баззайгӕ дозӕтӕн се ‘мгъуыд ацыд.
"Иу къуыримӕ, иууыл фылдӕр дӕс бонмӕ республикӕмӕ ӕрласдзысты вакцинӕ Спутник Лайт мин ӕмӕ ӕрдӕг дозӕйы, 500 дозӕйы та Спутник V", – загъта Приходько.
РБМЦ сӕйраг терапевт Санахъоты Тамарайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, вакцинӕ Спутник V дыккаг компонент арӕзт цӕудзӕн нырма ноябры онг.