Хуссар Иры коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц ахызт дыууӕ минӕй

Майрӕмбоны райсоммӕ уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, медикты хъусдарды бын сты 2036 пациенты, кӕцытыл бахӕцыд коронавирусон инфекци
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik. Коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц, кӕцытӕ сты Хуссар Ирыстоны дохтырты хъусдарды бын, майрӕмбонмӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ахызт дыууӕ минӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпортебнадзоры. 
ӔХМ фехъусын кодтой, кӕд ӕрласдзысты Хуссар Ирмӕ коронавирусы ныхмӕ вакцинӕйы ног парти
"Цыппӕрӕмы нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 321 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 81 адӕймагӕн. Дохтырты хъусдарды бын цы рынчынтӕ ис, уыдоны иумӕйаг нымӕц у 2036", - банысан кодтой уагдоны.
Югосетпотребнадзоры ма куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 40 пациенты.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 Хуссар Ирыстоны бахӕцыд 7986 адӕймагыл, сӕнӕниз сты 5950 пациенты.