Хуссар Иры баззад ӕнӕ рухсӕй фӕстауӕрцон хаххыл куыстыты тыххӕй

Республикӕйы ӕмбисӕхсӕв ахицӕн кодтой электроэнерги цалцӕггӕнӕнӕн куыстыты тыххӕй
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахицӕн кодтой рухс къуырисӕры, 00.00 сахатӕй фӕстӕмӕ. Электроэнерги ахицӕн кодтой Хуссар Ирыстонмӕ электроифтонгады фӕстауӕрцон хаххыл арӕзтадон куыстыты тыххӕй.
Хуссар Иры дӕлстанцыл зынгсирвӕзт ссис рухсы ахуысты аххосӕг
Уый размӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы фехъусын кодтой, УФ Федералон хызӕгон компани уадзы куыстытӕ электроифтонгады уӕлӕмхасӕн хаххыл, кӕцы аиуварс кӕндзӕн арӕх авариты проблемӕ сӕйраг хаххыл зымӕгон период.
"Электроэнерги ахицӕн кӕндзысты къуырисӕры, 25 октябры, ӕмбисӕхсӕвӕй 19.00 сахаты онг", - банысан кодтой "Энергоресурс"-ы.
Мӕскуыйы фарон сентябры бафыстӕуыд бадзырд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауадты хсӕн электроифтонгады хаххы фадыджы технологион ӕрбаиу кӕныны фӕдыл Ручъы тоннелы районы. Уӕлӕмхасӕн хахх фӕхуыздӕр кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны энергосистемӕйы куыст. Йӕ арӕзтад уагъд цӕуы Инвестпограммӕйы фӕлгӕтты, проекты финанскӕнынад адих кодтой ӕртӕ азмӕ.